Джеоргуыбайы хорзæх уæ уæд!

Джеоргуыбайы хорзæх уæ уæд!
Рæссугъдæй рæссугъддæр уыл азæй азмæ цæуæт!
Уæ хæдзары бæркадтæ бонæй-бонмæ бæркадджын куыд уой, хохæй быдырмæ цы дзуæрттæ ис уыдон уын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уой, ахæм амонд уын Стыр Хуыцау радтæт!
Лæгты дзуар уын ахъаз кæнæд !
Царды рæсугъд фæндæгтыл цæугæйæ, фыдбылызæй хызт ут!
Бирæ азты æнæнизæй, æнамастæй, хъæлдзæгæй æмæ зæрдæрухсæй уæ уарзон адæмимæ куыд бæрæг кæнут, Стыр Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд!!!

КОНТАКТЫ

АДРЕС

г.Владикавказ, ул.Черноморская, д.2

НОМЕР ТЕЛЕФОНА

+700000000

EMAIL

admin@s-koroleva.ru